Къобахидзе Иракълэ – дзырд дæттæм гуырдзиаг дзыллæйæн, ома паддзахады æрдгæй алы къахдзæф уыдзæн арызт паддзахадон суверенитеты принципмæ æмбæлгæйæ
Дзырд дæттæм гуырдзиаг æхсæнадæн, цæмæй хицауады æрдгæй алы къахдзæф уыдзæн æвæрд паддзахадон суверенитеты принципмæ æмбæлгæйæ, уый у махæн сæйраг бæрæггæнæг принцип – уый фæдыл парти «Картули Оцнебайы» сæрдар Иракълэ Къобахидзе райхъусын кодта.
Къобахидзе Иракълэйы бафарстой Польшæйы Æхсæнадон Уацхæссæджы «Польшайаг Радиойы» ахæлиугонд информацийы тыххæй, ома Евроцæдис план кæны Гуырдзыстонмæ куырдиатæй баздæхын, Саакашвилийæн кæд ратдзысты фæсарæнтæм ацæуыны бар, уый нал баиу уыдзæн политикæмæ, цалынмæ Евроцæдисы территорийыл уыдзæн удмæ. Къобахидзе куыд банысан кодта афтæмæй, зæгъгæ паддзахад архайдзæн барадон процедурæтæ хъахъхъæнгæйæ.
«Алы цау паддзахад архайдзæн барадон процедурæтæм гæсгæйæ, закъон конкретон къахдзæфтæ саразын кæм æрдомдзæн, уым конкретон къахдзæфтæ сараздзыстæм, кæм не рдомдзæн уый нæ сараздзыстæм. Мах архайæм нæ суверенитетмæ æмбæлгæйæ. Уый дзырд дæттæм гуырдзиаг дзыллæйæн, цæмæй алы къахдзæф уыдзæн хицауады æрдгæй паддзахадон суверенитеты принципмæ æмбæлгæйæ, уый у махæн сæйраг бæрæггæнæг принцип» – загъта Къобахидзе Иракълэ.