Китайы минæвар – æнæвизон режим, кæцы тагъд йæ тыхмæ бацæудзæн, гуырдзийæгтæн раддзæн фадат нæ бæстæимæ базонгæ уой
Китайы минæвар – æнæвизон режим, кæцы тагъд йæ тыхмæ бацæудзæн, гуырдзийæгтæн раддзæн фадат нæ бæстæимæ базонгæ уой

Китайы минæвары ныхасмæ гæсгæ,  æнæвизон режим, кæцы тагъд йæ тыхмæ бацæудзæн, гуырдзийæгтæн раддзæн фадат нæ бæстæимæ базонгæ уой.

Китайы минæвар, Джоу Циены фидиуæнмæ гæсгæ, Гуырдзыстон æмæ Китайы æхсæн æнæвизон змæлд, дыууæ бæстæйы æрдхорддзинады размæцæн йæ къух аразы.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, абон къухфыст бадзырд, ног фадаттæ дæтты куыд Гуырдзыстонæн, афтæ дæр Китайы бизнесæн, æмбæстæгтæн æмæ экономикон æмахастыты къуымæй.

Минæвары ныхасмæ гæсгæ, Гуырдзыстон раздæр æрфыста йæ къух Китаимæ æнæвизон змæлды бадзырдыл æмæ Китайæн нæ уыд ницы хуызон æфсон ма раттаит дзуапп Гуырдзыстоны зæрдийаг жестæн.

«Статистикон, æрбадæттæгтæм гæсгæ, уый фæстæ куыд Гуырдзыстон Китаимæ æнæвизон режим расидтис, сæдæгай китайаг турист æрцыд Гуырдзыстонмæ. Мах уырны, цæмæй æнæвизон режим, кæцы тынг дагъд йæ тыхмæ бацæудзæн, гуырдзийæгтæн раддзæн фадат базонгæ уой нæ бæстæимæ, афтæ куыд нæ æмбæстæгтæ сты райгонд гуырдзийаг сæнæй, хæрингæтæй æмæ бирæ æндæр» -сиды минæвар.