Китайæ, Уæрæсейы иувæрсты Германимæ  цæуæг  поезд Гуырдзыстоны уылты ацæудзæн
Китайæ, Уæрæсейы иувæрсты Германимæ цæуæг поезд Гуырдзыстоны уылты ацæудзæн

Китайæ, Уæрæсейы иувæрсты  Германимæ цæуæг   поезд, ацæудзæн Гуырдзыстоны уылты.  Рауагъдад  «Реил Фрейт»  Китайæ  Германимæ цæуæг  æфсæнвæндагон хаххы  деталон маршрут публикаци кæны.

«Фыццаг поезд, кæцы 13 апрелы  горæт  Сианæй  Германийы горæт  Манхаймы  æрдæм   рацыд, аласдзæн  дарæс, спортивон инвентар æм æндæр дзаума.  Поезд ныццæудзæн Хъазахы порт   Актауйы онг, стæй  уаргъ, Каспийы  уылты  быранæй  аласдзысты  бакумæ  æмæ стæй та  фæстæмæ  æфсæнвæндагæй  Гуырдзыстонмæ,  Поты  портмæ.  Поты Портæй  уаргъ  фæстæмæ  быранæй  аласдзысты Румынийы  портон горæт  Констанцамæ, стæй та  хурысксæн Европæйы бæстæты уылты,  фсæнвæндагæй  ныццæудзæн  Германимæ» – дзырдæуы   публикацийы.

Статийы куыд у банысангонд афтæмæй,   «Денджыз æмæ  фсæнвæндагæй  узты  ласын,  базартыл уæвæг   уавæры,  горæт Сианæй  продукцийы транспортацийы радон архайд у».

Бирæ компанитæ кусынц  альтернативон  фæндæгтæ бацагуырдыл.  Дæнцæн «Gansu Wuwei» Поты портимæ æмкуыстгæнæгæйæ  æххæст кæны   аналогион маршрутæй  уæзты  ласын  æмæ  уæрæхдæр кæны  маршрут  Будапешты онг  æфсæнвæндаг æмæ  мид-денджызон  ласыны  фæрцы», -фыст ис статийы.

Уыимæ, публикацийы  дзырдæуы,  цæмæй транс-каспийаг  маршруты æвзарынц  æнæрмæст китайаг  компанитæ. Марты райдайæны  голландиаг  компни  «Rail Bridge Cargo»  скусын кодта  маршрут, кæцы  Чженчжоуйы  сбæтдзæн немыцаг горæт  Дуисбург-Ноиссимæ.  Ацы цауы, уæзты транзитæн бахъæудзæн  23-25  боны æмæ уый  ацæудзæн Хъазахы уылты, Баку æмæ Потыл.  Уыимæ Констанца  нæу иунæг вариант  Европæмæ уæзты  транспортацийæн, компани  афтæдæр æмкуыст кæны  Болгарийы  портимæ Варнæйы.  Стæй  уаргъ  кæнæ æфсæнвæндаг кæнæ  уæзласæн хæдтулгæтыл  аласынц  нысангонд бынатмæ.