Кишиневы Евроцæдисмæ интеграцийы æрдæм сидтытæй массон акци ацыд
Молдовæйы сæйраг горæт Кишиневы ацыд массон акци, кæцыйы 80 000 адæймаг иста хайад. Уый фæдыл «Ройтер» фыссы.
«Молдовæйæгтæ европæгтæ сты æмæ авд азмæ хуъамæ суæм Евроцæдисы æххæстбарджын уæнгтæ. Мах, ацы бæстæйы адæм ныр ахицæн кодтам, цæмæй Молдовæ йæ сæрыл схæца æмæ сæрыстырæй рацæуа размæ Евроцæдисы æрдæм», – ацы фидиуæн Молдовæйы президент, Майя Санду Кишиневы уагъд акцийыл сарызта.
Молдовæйы президент Уæрæсейы антихицауадон протесты æмæ пропагандæ цырын кæнынæй Молдовæйы Евроинтеграцийы саботажы архайды фæзылынджын кодта.
Акцийы хайадисджытæ политикон лидертæм ивдмæ æмæ сæ бæстæйы Европаг ориентаци банысан кæнынмæ æрсидтысты.
Акцийыл уыдис Европарламенты президент Роберта Меццола, кæцы банысан кодта, цæмæй Европа Молдовæмæ æргомзæрдæйæ æнхъæлмæ кæсы.