Киевыл Уæрæсейы масштабон  ракетон бырсты фæстиуæгæн  аст адæймаг амард 25 та фæцæф сты
Киевыл Уæрæсейы масштабон ракетон бырсты фæстиуæгæн аст адæймаг амард 25 та фæцæф сты

Украинайы сæйраг горæт Киевыл  масштабон бырсты амæттаг ссис  аст адæймаг, 25 та  фæцæфтæ  сты.

Киевы мэры, Виталий КЛичкойы  фидиуæнæй, иу ракетæ æрхаудта  сабион рынчындоны территорийыл, цæй  тыххæй пациенттæ эвакуацигонд сты  горæты   муниципалон  рынчындæттæм.

Украинаг медиа фыссы, цæмæй  Киевы   Шевченкойы районы  бомбæ сæмбæлд   цæрæн  корпусыл.

Украинайы  президент Володимир Зеленскийы  фидиуæнæй,  зиангонд рынчындоны территорийыл   кæлддзæгты бын сты   адæймæгтæ.