Киевы зылды пъæлицæйы хистæр хъусын кæны, цæмæй Уæрæсейы ракетон бырсты фæстиуæгæн, Вышгороды фæмардуæвджыты нымæц авдмæ схызт, цæф сты 42 æмбæстаг
Киевы зылды горæд Вышгородыл Уæрæсейы хафты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц авдмæ схызт, цæф сты 42 æмбæстаг. Уый фæдыл Киевы пъæлицæйы хистæр, Андрей Небитов фехъусын кодта. Йæ информацийæ, цæфты нымæцы æхсæз сты сывæллæттæ.
Небитовы информацийæ, Вышгородыл бырст «X-101»-ы типы ракетæйæ сæххæст. Уый фæстиуæгæн базиан ис сабидон æмæ скъолайы бæстыхай дæр.
Дарддæр кæнынц Уæрæсейы хафтытæ Сумыйы регионыл. Нысан Уæрæсейы арæнгæрон районтæ сты. Знон ракетон хафтытæ сыххæст Запорожьейы, Кривой Рогы æмæ Донецкы зылдтыл. Амард иууыл цъус 2 адæймаг.
Украинайы генштабы бæлвырд кæнынц, цæмæй Уæрæсе сусæн мобилизацийы ног уылæнмæ цæттæ кæны, фæлæ æмгъуыдты тыххæй информаци нæ хъæр кæны. Афтæма сæ хъусинагæй, уырыссаг æфсæддон гæстæ цæттæ кæнынц уæлæмхас тыхтæ бакæнынмæ куыд оккупацигонд Украинайы регионтæм, афтæ Белорусмæ дæр.