Киевы уырыссаг дронтæй бырон æрхауыны фæстиуæгæн фæцæф сты æхсæз адæймаджы
Киевы уырыссаг дронтæй бырон кæй æрхауд, уый фæстиуæгæн фæцæф сты æхсæз адæймаг.
Уый фæдыл информаци Киевы горæты администраци æмæ уæлвæткон уавæрты кусджытæ парахат кæнынц.
Æхсæвы Украинайы сæйраг сахары дыууæ хатт расидтысты уæлдæфон хъусынгæнинаг уырыссаг дронты æрбабырсты тыххæй æмæ æмтгæй райсгæйæ, цыппар сахатæй фылдæр аххæссыд.
Дроны бырон æрхауд Киевы Соломенскы æмæ Святошины районты. Нæуæуæладзыгон хæдзары цур уæвæг дукани ссыгъд, басыгъд æртæ машинæйы дæр. Æртæуæладзыгон административон бæстыхайы рудзгуытæ ныппырх сты.