Киевы, Сумы, Харковы æмæ Днепропетровскы  зылдты хъуыстис  срæмыгъдтæ
Киевы, Сумы, Харковы æмæ Днепропетровскы зылдты хъуыстис срæмыгъдтæ

Киевы, Харьковы, Сумы æмæ  Днепропетровскы  зылдты  хъуыстис  стынды  гуыппытæ.   Телеграммканалтæй,  хæлиу кæнынц хъусинæгтæ, цæмæй  срæмыгъды   гуыпп айхъуыст  Киевмæ хæстæг,   горæт Белая Церковы, афтæма, Харьковы æмæ Сумыйы  зылды  горæт  Шосткы.

Украинаг медиайы информацийæ,  æхсæвы дæргъы  уæлдæфон  бырсты  амонæг сигнал  Украинайы  зæгъæн ис  æппæт территорийыл хъуыстис.  Амæттагы æмæ цæфты фæдыл хъусинæгтæ  нырма нæй.

Фронтыл  уæвæг уавæры  тыхæй та,  украинаг медиа хъусын кæны, цæмй Луганскы  горæт  Лисичанск  бацахсты фæстæ, уырыссæгтæ  фактонæй  æххæстæй  контрол кæнынц  ацы  регион æмæ цæттæ кæнынц бырсæнцыд Бахмут æмæ Славянскыл.

Хæстон  архæйтдытæ  дарддæр кæнынц  Харьковы æрдгæй. Медиа бынæттон хицауадыл æнцойæ куыд хъусын кæны афтæмæй,  украинæгтæн уыдис  æнтыстыджын   бырсæнцыд.  Фæстиуæгæн  скуынæг кодтой  знаджы  удæгас тых æмæ  згъæртехникæ.  Пъæлицæйы  информацийæ, фæстаг иу къуырийы  дæргъы, Уæрæсейы æфсад  Харьковы æрдæм цы æхсытæ ракодта, уый фæстиуæгæн  30 сабыр æмбæстаг  фæмард.

Хуссары æрдгæй,  Херсоны  зылды,  Украинаг æфсæддæттæ, 30   оккупанты æмæ хæстæрмæгы  æвæрæнтæ скуынæг кодтой.  Украинайы  æфсæддон сæрдарады хъусинагæй,   гарзджын тыхтæ  скуынæг кодтой   уырыссæгты  сæрмагонд танк,  залпон æхсты  реактивон  системæ æмæ аст  хæдтулгæ.