Киевмæ Уæрæсейы уæлдæфон бырсты фæстиуæгæн цыппар фæмард, æппынкъаддæр 19 та фæцæф сты
Киевмæ Уæрæсейы уæлдæфон бырсты фæстиуæгæн цыппар фæмард, æппынкъаддæр 19 та фæцæф сты

Уæрæсейы æфсæддонтæ знон изæр Киевмæ масштабон авиацион бырст сарæзтой. Хафты фæстиуæгæн цыппар адæймаг фæмард æмæ  19 та фæцæф сты.

Бырст стыр зиан æрхаста цæрæн хæдзæрттæн æмæ инфраструктурæйæн. Украинаг  меди  хъусын кæны, цæмæй  горæты электроэнергийы  æмæ  доны  ифтонгад фæкъуылымпы ис.

Сæйраг сахары æфсæддон администрацийы сæргълæууæг Тимур Ткаченкойы хъусинагмæ гæсгæ, фæмардуæвджытæй иу уыд тагъд æххуысы дохтыр, кæцы горæтгæрон фатермæ бацыдис, кæцыйы  дыууæ дроны фæд-фæдыл ныццавдтой.

Уый загъта, зæгъгæ, дронтæ сæмбæлдысты цæугæдон Днепры скæсæйнаг былгæрон дыууæ цæрæн хæдзарыл, стыр зиан сын æрхастой.

Сæйраг сахары уæлдæфон бырсты фæдзæхст фондз сахаты дæргъы аххæссыд.