Киевмæ Германийы канцлер Фридрих Мерц, Францы президент Эммануэль Макрон æмæ Стыр Британийы премьер-министр Кейр Стармер æрцыдысты.
Политиктæ визиты фæдыл информаци социалон хызы апарахат кодтой.
Германийы канцлер официалонæй куы ссис уæдæй фæстæмæ, Мерц Украинæмæ фыццаг визит у.
Мерц, Макрон æмæ Стармермæ Украинæйы сæйраг сахары баиу уыдзæн Польшæйы премьер-министр Дональд Туск æмæ цыппар дæр Украинайы президент Владимир Зеленскиимæ фембæлдзысты.
«Мах Киевы лæудзыстæм Украинæимæ æмзæрдæйæ «Уæрæсейы цæугæ ныббырсты ныхмæ»» – ныффыста Мерц социалон хызæгты.
Уый ма сбæлвырд кодта, цæмæй алы цыппар бæстæ дæр йæ фарсыл хæцы АИШ-ы президент Дональд Трампы инициативæйæн хæсты 30 боны æмгъуыдмæ æхсты фæурæды тыххæй.
«АИШ-имæ иумæ сидæм Уæрæсемæ, сразы уа æххæст æмæ æнæфæдзæхст 30-бонон æхсты фæурæдыл, цæмæй сырæза бынат рæстадон æмæ æнæфæцудгæ сабырады фæдыл бадзырдтæн. загъта.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, цалынмæ Уæрæсе не сразы уыдзæн æппынæдзух æхсты фæурæдыл, Киевæн æххуыс æмæ Уæрæсейы æфсæддон машинæйыл фылдæр æлхъывдад адарддæр уыдзæн.
Уæ информацийæн, абон Украинæйы уагъд æрцæудзæн афтæ хуынæг А фембæлд цымыдисгæнæг фарсыты коалицийы. «Фæндонджынты коалици»-йы сконды ис 30 штаты бæрц.