Киев, Уæрæсейы ахст украинаг наудзогты ссæрибар кæныны тыххæй, æхсæнадæмон денджызон  барады  трибуналмæ  бахъаст кæндзæн
Киев, Уæрæсейы ахст украинаг наудзогты ссæрибар кæныны тыххæй, æхсæнадæмон денджызон барады трибуналмæ бахъаст кæндзæн

Киев, Уæрæсейы ахст украинаг наудзогты ссæрибар кæныны тыххæй, æхсæнадæмон денджызон  барады  трибуналмæ  бахъаст кæндзæн.   Æмбæлон фидиуæн  Украинæйы президент  Петро Порошенко  сарызта.

Порошенкойы  ныхæстæм  гæсгæ,   йæ  барамындæй  бæстæйы  фæсарæн хъуыддæгты  министрад   æхсæнадæмон  тæрхонон  органы  æмбæлон  æркуырд ныридæгæн арвыста.

«Уæрæсе  адæймаджы  бартæм гæсгæ   циникъон  æнæцыт демонстраци дарддæр кæны.  Уый бæлвырд гæнæн та, украинаг  наудзогты ныхмæ райдайгæ  тæрхонон  процесс»,- рйхъусын  кодта Украинæйы   президент.

Киевы нымайынц, цæмæй  æхсæнадæмон  денджызон барады  трибунал, ныридæгæн  цалдæр къуырийы,  Уæрæсейæн  бахæс кæндзæн   украинаг   наудзогты  æмæ науты   ссæрибар  кæнын.

2018  азы  25  ноябры  уырыссаг   наутæ,  Керчы  донкъубалы цур ахст райдыдтой  æртæ украинаг  катерыл, кæцытæ Одессæйы  портæй   Мариуполы æрдæм змæлдысты æмæ  24  украинаг наудзогы  æрцахстой.  Уырыссаг фарс  ахст украинæгты   арæнсæттыны аххосджын кæны.