Хуссары газы къæлидоры проектæй, 2023 азмæ Гуырдзыстон, афдзæы мидæг 1.1 миллиард кубометр æрдзон газ, транзитон хайæ исдзæн
Гуырдзыстоны премьер-министр, Гиорги Гахариа, Турчы президент Реджеб Тайип Эрдогъанимæ æмæ Азербайджаны президент Ильхам Алиевимæ, Турчы хуссары газы къæлидоры иуæй-иу сегасæй ахсджиагдæр компонент – трансанатолиаг хæтæлвæды проект (TANAP) байгом кодта.
Проекты хайадисæг юæстæты лидертæ, иумæ ныххæцыдысты къух символон кънопкæйыл, кæцыйæ æрдзон газы къада Азербайджанæй, Европæйы æрдæм ацы проекты фæлгæтты фыццаг æрцыд уагъд.
Проекты аргъ у 10 миллиард америкаг доллар. TANAP-ы хæтæлвæд афæдзгай 16 миллиард кубонметр æрдзон газ ауадздзæн. Фидæнмæ плæнгондон уадзынхъомад райрæзын кæнын, 2023 азмæ – 23 миллиард кубонметры онг, æрмæст 2026 азмæ – 31 млрд кубометры онг.
Аюбоны уавæрæй, Азербайджанæй Гуырдзыстоны уылты Туркмæ транспортиргонд газы 5%-ы Гуырдзыстон райсдзæн сæххæст транзиты тыххæй хайы хуызæй, кæцы афæдзы мидæг 300 милуан кубометр æрдзон газ у, 6 миллиард кубометр æрдзон газы транзиты тыххæй.
Фидæны, Хуссары газы къæлидоры фæрцы афæдзгай 23 миллиард кубометр æрдзон газы транзит куы сыххæст уыдзæн, уæд Гуырдзыстон афæдзгай 1.1 миллиардæй фылдæр кубометр æрдзон газ, транзитон хайы хуызæй исдзæн.
Информацийы ахæлиу кодта Гуырдызстоны премьер-министры пресс-куыст.