Хуссар Каролинæйы штаты æфсæнвæндагон катастрофæйы амæттаг фесты дыууæ адæймаг

Хуссар Каролинæйы  штаты   æфсæнвæндагон  катастрофæйы  амæттаг фесты дыууæ адæймаг.

FoxNews –ы бæрæггæнæнтæй,   зиæнттæ райстой  50  бæлццоны.

Компани Amtrak-ы  бæлццонон поезд,   кæцы  139 бæлццоны фæцæйласта,   уæзласæг поездыл  сæмбæлд.  Катастрофæйы фæстиуæгæн   цалдæр вагон рельсытæй рахызт.

Бæлццонон поезд Нью-Йоркъæйы  Майямимæ  фæцæйцыд.  Бынатыл  кусынц ирвæзынгæнджытæ.