Хурвалеты  хъæуы  а.х  арæнхъахъъæнджытæ амалхъомдзинад цух уæнгы æрцахстой
Хурвалеты хъæуы а.х арæнхъахъъæнджытæ амалхъомдзинад цух уæнгы æрцахстой

Хурвалеты  хъæуы  а.х  арæнхъахъъæнджытæ  иу  уæнгы,   Отар Самниашвилийы  æрцахстой.

Уый фæдыл   информацийы   Фыццаг Къаналæн сбæлвырд  кодта  паддзахадон æдасдзинады куыст.  Афтæдæр сæ информацийæ,   скусын кодтой  тæвд хахх  æмæ  информиргонд у  Евроцæдисы мисси.

Уымæй дарддæр ма  Хурвалеты  асджынты  цæрæн бынат «Хæдзар æнарæнтæй»   директор  Фыццаг Къаналимæ ныхасы рæстæджы   хъусын кæны,   цæмæй   ахст уæнг у амалхъомдзинад цух Люда Салиайы  информациййæ, 33 аздзыд  Отар Самниашвилийы  кæцы рæстмæ дзурын хъом дæр нæу, цæрæн бынатмæ хæстæг æрцахстой.

«Скъæфтгонд у  33 аздзыд  Отар Самниашвили,  амалхъомдзинад цух  уæнг.  Зын йын кæны   дзурын. Йæ мад дæр амалхъомдзинад цух у.  Уый фæцæйцыд   хæдзары цур, зæгъæн ис 400 метры  дæрццæг, скъолайы иннæ рдгæй, уæлмæрдты кæм сты  уым.  Нæ  уагдоны  балконыл бадтис   асджын  сылгоймаг, кæцы  ауыдта куыд ызмæлыд уырыссæгты  машинæ.  Сæ  иу  фæлæууыд æмæ  дыууæ  уæнгæй  сбадын  кодтой   нæлгоймагы  машинæйы.   Уый  йæ  нæ базыдта чи уыдис ахст, æрмæст факт федта.  Уый фæстæ, отар куы ннæуал фæзындис, уæд  бамбæрстам, цæмæй  растдæр уый  аластой  фæнысангонд машинæйыл.  Полици дæр  æрбацыд йæ  мадмæ  æмæ  офицйиалонæй  сæм бацыд хъусинаг, ахст кæй  у  уый тыххæй»- райхъусын кодта  Люда Салиа.