Хуберт Книрш – райгонд дæн, Гуырдзыстоны кæй райдыдта куыст уыцы 12 домæныл, кæцыты бавдыста Евроцæдис
Æхсызгон у, цæмæй Гуырдзыстон райдыдта кусын 12 домæныл,к æцыты бавдыста Евроцæдис. Политикон тыхтæ хъуыды кæнынц, куы сæ сыххæст кæной, афтæма адæм дæр рацæуы уынгтæм, цæмæй равдисой сæ фæндон, Гуырдзыстон бауа Евроцæдисы уæнг – уый фæдыл райхъусын кодта Гуырдзыстоны Германийы минæвар Хуберт Книрш.
Минæвары дзырдæй, зæгъгæ нысаниуæгджын у, цæмæй, «алы политикон парти, алы политикон тых, кæцы европаг идеяимæ разы у, райсой хайад ацы тыхархайды æмæ пайда кæнынц фадатæй, кæцы сæм цæуы лæвæрд».
«Иунæг парти дæр ма хъуамæ баззайæд иуварс æмæ хæдбарæй арахайа. Уыдон хъуамæ баиу уæд æмæ æммкуыст кæнæд. Уый у растдæр, Евроццæдисы цы дзырдтой, деполяризаци куы бахахх кодтой куыд Гуырдзыстонæн иттæг нысаниуæгджын ппункт уæд. Зонæм цæмæй поляризаци у æппæрццаг миниуæг гуырдзиаг плитикон системæйæн æм цыппар азы дæргъы, ам цы кусын, адæймæгтæ хахх кæнынц, цас нысаниуæгджын у поляризацийыл фæтых уын. Уыдысты адæм хицауадæй, оппозицийæ, æмбæстагн секторæй, æмæ хуымæтæгæй ацы бæстæйы цæрæг æмæ кусæг адæм, Евроцæдис дæр афтæ хъуыды кæнынц æмæ ай у тыхархайд, кæцы хъуамæ ракæна алы фарс иумæ æмæ иурæстæгонæй. Фæстагмæ, уæ бон у, демонстрацитæ уадзын, дебаттæ уадзын парламенты, цалынмæ дебаттæ сты политикон фарстатыл, сгуыхтдзинадыл, куыд бакусат закъонтæ, куыд саразат адæмæн хуыздæр, уыдон сты легитимон дискусситæ, æрмæст дискусси,к æцы фокусиргонд у адæймæгтыл æмæ сæ легитимонæй нæ нымайы гуырдзиаг политикæйы кусынæн, ахæм дискусси у поляризацигонд æмæ йæ уæхи хъуамæ бард айсат уымæй» – загъта Книрш.