Хуберт Книрш - Берлины сис куы ныппырх ис, уый фæстæ ма нæ хъустыл куы уайы бордеризацийы процессы адарддæр кæныны фæдыл информаци, уæд уый у дурзæрдæ ми
Берлины сис куы ныппырх ис, уый фæстæ ма нæ хъустыл куы уайы барьерты арызты æмæ бордеризацийы процессы адарддæр кæныны тыххæй, уæд уый у дурзæрдæдзинад, – ахæм аргъ скодта Гуырдзыстоны Гермнийы минæвар Хуберт Книрш, оккупацион режим Хъарапилайы хъæуы цур æнæзакъонон бордеризщацийæ цы схонынц, уыцы куыстыты сæххæстæн.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ оккупацион режим Цхинвалы цы æххæст кæны, уый у фыдконд æмæ нæраст.
«30 азы фæстæ Берлины сис куы ныппырх ис, ма нæ хъустыл куы уайы барьерты арызты æмæ бордеризацийы процессы адарддæр кæныны тыххæй, уæд уый у дурзæрдæ ми. Нæ цæст дарæм дихгæнæг хаххы цур цæугæ процесстæм. Цхинвалы къухдариуæгадæй цы хонынц, уыдоны сæххæст митæ сты фыдконд æмæ æнæраст. Уынæм адæймаджы барты халын æмæ адæймæгты уæззау уавæры факттæ. Фиксир кæнæм, цæмæй Цхинвалы ахæм архæйдтæ бæрæг кæнынц. Дарддæр кæнæм цæстдард», – райхъусын кодта Германийы минæвар.
Каспы районы Хъарапилайы хъæуы цур оккупацион режим æнæзакъонон куыстытæ сног кодта.