Гуырдзыстоны Германийы минæвар, Хуберт Книршы фидиуæнæй, зæгъгæ райгонд у, «Гуырдзиаг Бæллицц» кæй сразы ис Кристиан Даниелсоны планимæ.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Евроцæдисы æмæ АИШ-ы минæвæрттæ æхсæны лæгы ролы кæй сты уымæй алы фарсмæ æфты шанс, аккагæй æрфидауын æмæ стæй политикон процесс æнæ искæмæй адарддæр кæной.
«Райгонд дæн,цæмæй «Гуырдзиаг Бæллицц» сразы ис Даниелсоны планимæ. Планы хицæн пункттæ дзæбæх къахдзæф сты Гуырдзыстоны демократийы æмæ барадон паддзахаддзинады дарддæр рæзынадæн. Евроцæдисы æмæ АИШ-ы минæвæртты æхсæны лæгæй уæвынæй, алы фарсмæ æфты шанс, аккагæй æрфидауын æмæ стæй политикон процесс æнæ искæй æххусæй адарддæр кæной. Алы тых, кæцыйы фæнды сыххæст кæна сæрмагонд бæрн бæстæй фидæны æмæ йæ Европаг фæндаджы раз, ныр хъуамæ спайда кæна ацы фадатæй» – хъусын кæны Хуберт Книрш.
Майрæмбоны парламенты сæрдар Арчил Талакъвадзе райхъусын кодта, цæмæй Гуырдзиаг Бæллиццы къух бафысдзысты Даниелсоны документыл, кæцы Гуырдзыстоны уæвæг политикон кризисы ифтыгъд суадзынæн у бакуыст. Бадзырдты хайадисæг оппозици, къухбафыссынæн домы Националон Змæлды сæрдар Ника Мелиайы ахстæй суæгъд кæнын æмæ æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстытæ снысан кæнын.