Хуан Гуаидо Британийы хицауадмæ æрсидтис, ма æрыздаха Николас Мударойы хицауадæн тад сыгъзæрины къæрттæ
Венесуэлайы рæстæгмæ президент Хуан Гуаидо Британийы хицауадмæ æрсидтис, ма æрыздаха Николас Мударойы хицауадæн тад сыгъзæрины къæрттæ. Британийы премьер-министрмæ æрвыст фыстæджы, Гуаидо хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ Мадуро, сыгъзæрин ауæй кæнын æмæ суммæйы Централон Банкъы бавæрын хъавы.
Венесуэлайы фæсарæн хъуыддæгты министр, Хуан Гуаидомæ баздæхт бадзырдтæ райдайынмæ.
Bloomberg-ы хъусинагæй, Мадуройы хицауад, сыгъзæрины резервы фыдыбæстæмæ æрыздахынмæ гæсгæ Стыр Британийы банкъимæ бадзырдтæ райдайын архайдта нырма 2018 азы декабры.
Венесуэлайы ацы рæстæгмæ уæвынц америкаг дипломатты хай. АИШ-ы президенты уынаффæгæнæджы, Джон Болтоны фидиуæнæй дипломатты кæнæ оппозицийы фæтæрсыны цы фæнды архайдæнзæгъгæ, нысаниуæгджын дзуапп уыдзæн.
Параллелонæй бæрæг ссис, цæмæй Австралий æмæ Израиль, Хуан Гуаидойы банымадтой Венесуэлайы лидерæй. Израилы премьер-министр Виньямин Нетаньяхуйы фидиуæнæй, бæстæ зæгъгæ иу кæны АИШ-æм, Канадæмæ, Литинаг Америкæйы æндæр бæстæтæм, Европæйы бæстæтæн æмæ нымадмæ исы ног хицауад Венесуэлайы.