Хосты ранымад, кæцытыл архайы референтон аргъ, ауæрæхдæр ис, æмтгæй райсгæйæ уæллаг арæн снысан ис 5000-æй фылдæр медикаментыл
Референтон æргътæ цы хостыл снысан сты уыдоны ранымад ауæрæхдæр ис. Æргъты уæллаг арæн, æмтгæй зæгъгæйæ 5000-æй фылдæр медикаментыл снысан ис. Информаци уый фæдыл Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министрады пресскуыст публикаци кæны.
Уагдоны хъусинагæй, референтон æргъты снысаны механизм, уыцы хостæм дæр æххæссы, кæцытыл фармацевтон хызæгты уæлдайджын æргътæ уыд бæрæг æмæ импорты æргътимæ абаргæйæ 1000%, 2000% æмæ 3000% -æй зынаргъдæр уæй кодтой.
Æнæнизхъахъхъæды министрады куыд банысан кодтой афтæмæй, референтон æргъты снысаны механизм хроникон æмæ онкологион медикаменттыл, антибиотиктыл, зæрдæ æмæ тугдадзинты низтæн хоскæныны медикаменттыл, антигистаминон, судзагы ныхмæ, психолепсикон, ахсæн-тъæнгты трактмæ æндавæг, рыст нымæггæнæг, психотропон, антивирусон æмæ антигелминтон хостыл архайынц.
«Хосты ранымад, кæцытыл æпгъты уæллаг арæн архайы этапгай уæрæхдæр кæны æмæ фармацевтон базарыл, активон зилдухы уæвæг медикаменттыл æххæстæй ахæлиу уыдзæн. Реформæйæн йæ нысан у æмбæстæгтæн медикаментты максималонæй рæувадат скæнын. Реофрмæ фармацевтон продукцийы æргътæ 40%-æй къаддæр кæнынц» – банысангонд у министрады информацийы.