Хорватийы премьер-министр Гуырдзыстоны минæварады байгомыл - сымах куы сыххæст кодта Хорватийы гимн уый фоныл, куы нæ зыдтаин гуырдзиæгтæ кæй стут, уæд уæ хорватагтæй фенхъæлдтаин
Хорвати йæ фрас хæцы Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн, афтæма фарсхæцыны ныфс æвæры Гуырдзыстоны европаг æмæ трансатлантикон тырнынадтæн – уый фæдыл Хорватийы премьер-министр Андрей Пленкович Загребы Гуырдзыстоны минæварады байгомы рæстæджы райхъусын кодта æмæ Гуырдзыстоны премьер-министрæн Хорватимæ визиты тыххæй ноджы иу хатт раарфæ кодта.
Андрей Пленковичы дзырдæй. Зæгъгæ абьон æцæгдæр историон момент у.
«Уый Гуырдзыстоны премьер-министры фыццаг визит у Хорватимæ. Ираклий Гъарибашвилиимæ раст аст азы размæ фембæлдыстæм Тбилисы. Æз Европаг парламенты уæнг уыдæт æмæ сымах та, премьеры фыццаг мандатæй уыдыстут, æз куы рабæрæг кодтон уыцы зындзинæдтæ, кæцытæ историйы дæргъы уын уыд, афтæма Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы оккупацигонд тиерриториты цæстæнгасæй.
Сымахæн уæ бон бацис, фæтых уыдаиккат æлхъывдыл æмæ раст уый тыххæй хæцæн йæ фарс уæ территорион æнæхъæндзинадæн æмæ суверенитетæн. Ис цæттæдзинад бацæуат уыцы рацæуæнмæ, кæцыйæ Гуырдзыстоны территоритæ уæ хицауады барадон æмæ конституцион контролы дæлбар рахиздзысты. Уый у мæ фæнд сымахæн. Махæн дæр уыд аналогион ситуаци 90-æм азы æмæ нæ бахъуыд цалдæр азы,ц æмæй барадон æмæ конституцион сæрфадмæ æрыздæхтаит ацы территоритыл контролб. Уый тыххæй дзæбæх æмбарæм цы уавæры стут» – банысан кодта Хорватийы премьер-министр.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ Хорвати йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны Европаг æмæ трансатлантикон тырнынадтæн.
«Иу афæдзы размæ сразы стæм Гуырдзыстонæн европаг перспективæ раттынимæ. Æнхъæмæ кæсæм уыцы критериты сыххæстмæ, кæцытæ Гуырдзыстоны хицауады раз сты æмæ сæ фæдылдзог уынаффæтæм, кæцытæ евроцæдисы æмвæзадыл уæ амбициты пайдайæн уыдзæн дарддæры къахдзæфæн, кæцы уæд уæнгсуæвыны бадзырды райдаын уыдзæн» – райхъусын кодта Пленкович.