Хорватийы фæсарæн хъуыддæгты министр – тынг ахсджиаг у Гуырдзыстоны æнæразыдзинады фæкъаддæр кæнын, цæмæй диалог сног уа æмæ тыхмийы аххосджынтæ иууылдæр æрцæуой æфхæрдмæ
Гуырдзыстоны цæугæ цаутæм стыр тыхстæй кæсæм, – расидтис Хорватийы æддаг хъуыддæгты министр, Гордан Грлич-Радман.
«Сæйраг у, цæмæй æнкъарæнтæ фæрогдæр уой, диалог сног уа æмæ тыхмийы аххосджынтæ иууылдæр æрцæуой тæрхонмæ», – райхъусын кодта Гордан Грлич-Радман Евроцæдисы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрты советы рабадты райдайæны размæ Брюсселы.
Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты министртæ абон Брюсселы Гуырдзыстоны фарстайыл уынаффæ кæнынц.