Хорватийы байгом ис Хъырымы æхсæнадæмон платформæйы фыццаг парламентон ассамблей, кæцыйы хайад исы Гуырдзыстоны делегаци дæр
Хорватийы сæйраг горæт Загребы, Хъырымы æхсæнадæмон платформæйы фыццаг парламентон ассамблей цæуы. Парламентон ассамблейы хайад исынц Гуырдзыстоны делегацийы минæвæрттæ парламенты сæрдары, Шалва Папуашвилийы къухдариуæгæй, ассамблейыл ис АИШ-ы Конгрессы минæвæртты палатæйы спикер Нэнси Пелози.
Ассамблейы байгомыл Украинайы бæрзонддæр Радæйы спикер, Руслан Степанчук куыд райхъусын кодта афтæмæй зæгъгæ, саммиты алы хайадисæгæй æнкъары фарсхæцын.
«Стыр цыт у мæнæн ам уæвын, нæ украинаг делегациимæ иумæ. Ацы уазæгуарзаг хорватиаг зæххыл фыццаг минуттæй æнкъарæм хъарм ахаст саммиты фысымтæй. Сымах алкæмæй æнкъарын фарсхæцын, зынаргъ коллегæтæй. Уырнæг дæн, нæ фембæлд кæцы у Хъырымы платформæйы фыццаг парламентон саммит, уыдзæн продуктивон æмæ фæстиуæгджын. Фæнды мæ уæ хъусдард раздахын фынгыл бавдыст нывтæм, уыдон сты хъырымаг сывæллæтты нывтæ, фæнды мæ? цæмæй уыдон уой хъармы гуырæн ацы къæвда бон», – райхъусын кодта Степанчук.
Хорватийы парламенты сæрдар Гордан Яндроковичы дзырдæй, саммит алкæмæн ратдзæн фадат, фидар фарсхæцын равдисой Украинайæн.
«Саммиты нын ратдзæн фадат, дунемæ арвитæм фидар сигналтæ Уырыссаг агрессийы раз лæууæг Украинаимæ иудзинады, солидарондзинады æмæ фарсхæцыны фæдыл. Афтæма равдисæм æххæст иудзинад уыцы аргъдзинæдтимæ, кæцытимæ разы стæм – сабырдзинад, сæрибардзинад, демократи, закъоны сæйрагдзинад, адæймаджы барты æмæ бындурон сæрибардзинæдтæн цыт кæнын», – райхъусын кодта Гордан Яндрокович.