Хоравайы уынгыл марындзинады хъуыддагыл абон æрфæрсдзысты цыппар æнахъомы
Хоравайы уынгыл марындзинады хъуыддаджы бацахуыргæнæг рæстæгмæ парламентон камис абон цыппар æнахъомы рафарст ауадздзæн. Уыдонæй иу æнахъомы мидхъуыддæгты министрад фыццаг фæдæвзарæны приоды не рфарста.
Камисы уæнг Ираклий Абесадзе куыд райхъусын кодта афтæмæй, абон буайхъусдзысты куыд хылы хайадисæг æнахъомтæм, афтæдæр уыдонмæ, чидæриддæр гæнæн ис Хоравайы уынгыл æрцæугæйы фæдыл нысаниуæгджын информаци зона.
Фæдæвзарæг камис, хъуддагыл хыгъдлæвæрды, парламенты бюройыл сентябры райдианы бавдисдзæн.
Рафарстæй бæлвырдгæнæнты бамбырд кæныны хайы камис æнхъæлцау иннæ къуырийы- дыццæджы æнæ æртыццæджы фæуыдзæн æмæхыгъдлæвæрдыл кусын дыккаг бонæй рывналдзæн.
Рæстгæмæ фæдæвзарæг камис, знон мидхъуыддæгты министр Гиорги Гахариа æмæ раздæры Сæйраг прокуррор Ираклий Шотадземæ байхъусыта. Камисы сидтæй, рабадтмæ йайтагъд бацыд Тея Цъулукиани дæр, фæлæ йæм рабадтыл æрмæст дыууæ фарст раттой.