Хоравайы уынгыл марындзинады хъуыддаг бацахуыргæнæг Гуырдызстоны парламенты рæстæгмæ фæдæвзарæг камисы уæнгтæ, зылынмæ лæвæрд Мирза Субелианийы ææ Тенгиз Каландиайы рафарстой
Хоравайы уынгыл марындзинады хъуыддаг бацахуыргæнæг Гуырдызстоны парламенты рæстæгмæ фæдæвзарæг камисы уæнгтæ, зылынмæ лæвæрд Мирза Субелианийы ææ Тенгиз Каландиайы рафарстой.
Æрфарст цыдис Глданы пенитенцион №8 уагдоны æмæ авд сахаты бæрц аххæссыд.
Камисы сæрдары Серги Капанадзейы ныхæстæм гæсгæ, камисы уæнгтæ зæгъгæ байхъуыстой тынг цымидисон дзуаппытæм зылынмæ лæвæрдты æрдгæй, фæлæ йæхæдæг детæлтты раргом кæнынæй, йæхиуыл фæхæцыд.
«Тынг цымидисон дзуаппытæ райстам, æмæ цæй зæгъын æй хъæуы ерын детæлттыл фæдыл лæмбынæг нæ радзурдзынæн, уымæн æмæ ацы информацийы хъуамæ деталонæй равзара Камис, æмæ йæ уый фæстæ æнæмæнгæй хъуамæ бамхасæм котекстмæ. Цæй зæгъын æй хъæуы ацы информацийы рабæлвырд кæндзыстæм æмæ йæ сбардзыстæм æндæр гуырæнæй райст информациимæ, уый фæстæ та фæбæрæг уыдзысты хатздæгтæ» – загъта Серги Капанадзе.
Мирза Субелиани – прокуратурæйы раздæры кусæг у, кæцы афтæдæр у Хоравайы уынгыл цы инцидент æрцыд уым фигурант иуæй-иу æнахъомы фыд. Ацы рæстæджы уый уæвы развæлгъау ахсты, закъон халыны фæдыл кæй нæ фехъусын кодта барадхъахъæнджытæн уый тыххæй. Тенгиз Каландиа, кæцы у хъуыддаджы иуæй-иу сæйраг æвдисæны фыд, ахст æрцыд фыдракæнд басусæг кæныны тыххæй.