Хицауады сконды ивд æрцæудзысты финансты, экономикæйы æмæ фæсарæн хъуыддæгты министртæ
Хицауады сконды ивд æрцæудзысты финансты, экономикæйы æмæ фæсарæн хъуыддæгты  министртæ

Процедурон  фарстыты  æмæ  фæткæвæрды комитеты   сæрдр  Гиорги Къахиани хъусын кæны, цæмæй   æввахс фидæны æрцæудзæн  уыцы закъонопроектты  бавдыст,  кæцы  æххæссы министрадты  бауи кæнынмæ.  Йæ ныхæстæм гæсгæ,   æмгъуыдты  цæстæнгасæй зæгъгæ, гæнæн нæй  иурæстæгонæй  закъондæттынады  ивындзинæдты  ауадзын  æмæ   ног  хицауады  формиркæнын,   уый тыххæй  дæр  ныр  сбæлвырд кæндзысты  хицауады  раздæры  скондæй.

«Министрадты  реструктуризацийы  ивындзинæдтæн хъæуы  закъондæттæн ивындзинæдтæ,  кæцыйы гæнæн ацы  къуыриы мидæг нæй. Ацы рæстæджы, хицауады  формирдзинадæн ис  йæхи æмгъуыдтæ æмæ   ацы  къурийы  хъуамæ  бантыса.  Ныр   хицауад сбæлвырд уыдзæн раздæры  скондæй,  фæлæ  уыцы  хъауджыдæрдзинадæй æмæ министрадтæ бавдыст уыдзысты министрты  хæдивджыты  хуызæй. Процедуронæй, сом 11:00  сахатыл райдайдзыстæм  комитетон   кастытæ  æмæ   гæнæн ис  боны дыккаг æрдæджы,   фæндонмæ гæсгæйæ  уыдзæн фембæлдтæ  парламентон къордтимæ.  Æввахс фидæны  æрцæудзæн  уыцы  закъонопроектыты  бавдыст,   кæцы æххæссы министрадты  баиу кæнынмæ.

Хицауады сконды ис 14  уæнгы,  ацы  формæйæ   æрцæудзæн æууæнк расидын  ног   хицауадæн дæр.  Фæлæ  ныридæгæн бæрæг у,  цæмæй  финансты, экономикæйы æмæ фæсарæн хъуыддæгты  министртæ, ивд æцрцæудзысты, уый тыххæй  формалонæй   ацы министрадты   хæдивджытæ  уыдзысты   бавдыст  ног  сконды.   Закъонопроекты раивыны фæстæ та,   ногæй сырæздзæн    ног  сконды  бавдыст» –  райхъусын кодта  Гиорги Къахиани.