Хицауады хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ,  карантины  зонæтæн, паддзахадон бюджетæй  бахардз ис 32.5 милуан лари
Хицауады хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, карантины зонæтæн, паддзахадон бюджетæй бахардз ис 32.5 милуан лари

Коронавирусы  ныхмæ Гуырдзыстоны хицауад цы  мадзæлттæ ауагъдта уыдоны  фæдыл хыгъдлæвæрды иуæй-иу  сæр  карантины  зонæтæм хау.

Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ,  цæрджыты æнæниздзинадыл аудын кой æмæ  инфекцийы  ахæлиуы  рискыты  фæкъаддæр кæныны   нысанæн,  хицауад райдыдта  карантины тыгъдадтæ аразын, кæцытæй  абон дæр ифтонг кæны риск-къордмæ хауæг  уæнгты изояцийæн.

Хицауады информацийæ,  22 майы уавæрæй,   карантины   зонæмæ  хапудис  бæстæйы  архайæг  84  фысымуат, кæцы  æмтгæй  райсгæйæ  иу кодта  6 500-йæ  фылдæр  уаты, кæцыты  уæвгæйæ  æнæмæнгхъæугæ карантины рæстæг арвыста  19 002 адæймаг.

«Афæтма, 2 мæйы   дæргъы,  иудадзыг  ахст уыдис  4 500-5 000 уаты.  Проекты сæххæст ахъаз  уыдис,  23 чысыл (5-æй 40 номыры онг), 42 астæуккаг (41-æй 100 номыры онг) æмæ 18  стыр  фысымуаты  (101  æмæ фылдæр номырджын) куыстæн, кæцы  фæрцы  бантыстис,  куыд  секторы минæвæрттæн, афтæ секторы  кусæг адæймæгтæн   сæ кусæнуатты æмæ æфтиагы  бахъахъхъæд» дзырдæуы,  хицауады  хыгъдлæвæрды, кæцыйы мидæг афтæдæр райхæлдтой, цæмæй  карантины  зонæтæн    паддзахадон бюджетæй бахардз ис 32.5 милуан ларийы  бæрц.