Хицауады  канцелярийы  бацæуæн ссæрибар кæнынæн пъæлицæй  акцийы хайадисджытæн ратта бæрæг æмгъуыд
Хицауады канцелярийы бацæуæн ссæрибар кæнынæн пъæлицæй акцийы хайадисджытæн ратта бæрæг æмгъуыд

Хицауады  администрацийы  цур æрымбырдуæвæг  акцийы  хайадисджытæн  пъæлицæйæгтæ  раттой бæрæг æмгъуыд, цæмæй канцелярийы  бацæуæн  ссæрибар кæной.

Бакой уын кæндзыстæм,  знон  парламенты бæстыхайы  раз змæлд «Хæдзармæ, Европæйы æрдæм»-ы организацигондæй  ацыд акци.  Фæстæдæр акцийы хайадисджытæ  парламенты  бæстыхайæ  хицауады  администрацийы  цур ахызтысты, цы ран   æхсæвы  дæргъы  лæууыдысты.

Акцийы  иуæй-иу  организатор, змæлд «Хæдзармæ, Европæйы æрдæм»-ы минæвар, Шота Дигъмелашвили  куыд фехъусын кодта, афтæмæй зæгъгæ,  уый тыххæй,  цæмæй  абон сæумæрайсом  хъуамæ ацæуа  хицауады рабадт,  растдæр  уый тыххæй  ахызтысты  хицауады администрацийы цур, цæмæй  дискомфорт  скæной  хицауадæн.