Хицауады администрацийы къухдариуæггæнæг Леван Жоржолиани АИШ-ы паддзахадон департаменты делегацийы уæнгтыл фембæлд
Хицауады администрацийы къухдариуæггæнæг Леван Жоржолиани АИШ-ы паддзахадон департаменты делегацийы уæнгтыл фембæлд

Гуырдзыстоны хицауады администрацийы  хистæр Леван Жоржолиани, АИШ-ы паддзахадон департаменты делегацийы уæнгтыл фембæлд, кæцыйы къухдариуæг кодта АИШ-ы паддзахадон департаменты хистæр уынаффæгæнæг Джонатан Асконас.

Администрацийы хистæр банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад райгонд нæу АИШ-имæ ахастыты ныры æмвæзадæй æмæ ноджы иу хатт бæлвырд кæны цæттæдзинад сыгъдæг сыфæй стратегион партнерад сног кæна.

«Фембæлды рæстæджы, хъусдард здæхт уыд, Гуырдзыстоны хицауады æрдыгæй бæстæйы транзитон æмæ афтæ хуынæг бастдзинады функци фæтыхджындæр кæныны тыххæй цы къахдзæфтæ ис, уыдонмæ.Леван Жоржолиани АИШ-ы фарсæн базонгæ кодта информаци уыцы нысаниуæгджын инвестициты фæдыл, кæцытæ Гуырдзыстоны хицауад æххæст кæны æфсæнвæндагон, автомобилон æмæ порты инфраструктурæмæ  райрæзты нысанæй. Гуырдзыстоны хицауад райгонд нæу АИШ-имæ ахастыты ныры æмвæзадæй æмæ ноджы иу хатт бæлвырд кæны цæттæдзинад сыгъдæг сыфæй, конкретон фæндагон картæйæ стратегион партнерад сног кæна.