Хицауадон комиссийы  уынаффæйæ, цæрджыты  иннæ  сфыст 2024 азы кæрон ацæудзæн
Хицауадон комиссийы уынаффæйæ, цæрджыты иннæ сфыст 2024 азы кæрон ацæудзæн

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы къухдариуæгæй  хицауады  администрацийы Гуырдзыстоны  цæрджыты  сфысты координацион  хицауадон комиссийы фыццаг рабадт ацыд.

Премьер-министры  пресс-куысты  информацийæ, рабадтыл   Гуырдзыстоны статистикæйы  националон куыст,  комиссийæн   сбæлвырд кæнынæн  бавдыста  цæрджыты 2024  азы  æппæтон сфысты  программæ, кæцыйы  ис  цæрджыты сфысты  сæйраг приниптæ, методологион æмæ организацион  фарстатæ.

Программæмæ  æмбæлгæйæ,   цæрджыты  иннæ   сфысты  бастæйæ  координацион   хицауадон комисси  2024 азы  кæрон сбæрæг кодта.

Сфысты  фæстиуæгæн  фæзындзæнис  иууыл ног инфорамци  цæрджыты нымæцы,   æрд æмæ кары  структурæйы, фæллойады,  ахуырады, æнæниздзинады уавæры æмæ цæрæнуат-уавæрты  фæдыл.

Хицауадон координацион комиссийы уынаффæййæ,  цæрджыты  сфыстимæ иумæ  уагъд уыдзæн   хъæууон-хæдзарадон  сфыст дæр, кæцыйы фæстиуæгæн, социалон æмæ демографион  бæрæггæнæнтимæ иумæ, бамбырд уыдзæн  информаци  мид хæдзарадты  хъæууон-хæдзарадон  активондзинады фæдыл.