Паддзахадон бюджеты проектмæ гæсгæйæ, хицауад, экономикон рæзынады прогноз фæбæрæг кодта 5%. Инфляцийы нысанон бæрæггæнæн та 3% у. Цыдæриддæр та æфтиæгтæм æххæссы, хицауад 2020 азы бюджеты 14,040 миллиард ларийы мобилизаци план кæны.
Фидтонон æфтиæгтæ 10,320 миллиард лари æрцыд фыст, гранттæ 200 милуан лари, æндæр æфтиæгтæ 515 милуан лари. Фидтонты прогнозон гуырахст та 14,211 миллиард ларийы.
Фидæн азмæ хицауад, 1,855 миллиард ларийы æддаг хæсы сисын план кæны, æрмæст мидхæс та 900 милуан ларийæ райрæздзæн.
Æмтгæй райсгæйæ, 2020 азы кæронмæ, хицауады хæс, æмтгæйон мид продукты 45%-æй (закъонæй бæрæг арæн ÆМП-ы 60% у), баххæсдзæн. 2020 азы кæронмæ паддзахадон хæсы гуырахст 22,681 миллиард ларийы æмвæзадыл фæлæууыд, уырдгæй паддзахадон æддаг хæс, 17,711 миллиард лари у, æрмæст паддзахадон мид хæс та 4,970 миллиард лари.