Хицауад 2020 азы корректиргонд бюджеты презентаци ауадздзæн, цæй фæстæдæр документы парламентмæ бавдисдзæн
Гуырдзыстоны паддзахадон бюджеты корректиргонд, ног бакуыст версийы, хицауад парламентмæ абон бавдисдзæн. Уæдмæ та Гуырдзыстоны хицауады администрацийы, премьер-министры къухдариуæгæй архайæг æхсæнуагдонон координацион советимæ æмархайæг экономикон балы рабадтыл антикризисон бюджеты презентаци ацæудзæн.
Оппозицийы хъусын кæнынц, ома хицауады зæгъгæ, корректиргонд бюджеты парламентмæ бавдисын байрæджы кодта.
Парламенты финансон-бюджетон комитеты сæрдары, Ираклий Ковзанадзейы фидиуæнæй, бюджеты фæкъаддæр уыдзæн алы уыцы суммæ, кæцы баст нæу æнæнизхъахъхъæдимæ æмæ социалон ифтонгадимæ.
«Бюджеты нымад уыдзæн алы уыцы программæ, кæцы йæ хъуыдыйы дары коронавирусы уавæрты не ‘мбæстæгтæн æххуыс. Афтæдæр æвæрд ис программæтæ, кæцытæ ифтонг кæнынц социалон æххуыс не ‘мбæстæгтæн», – райхъусын кодта Ираклйи Ковзанадзе.