Херсоны оккупацион тыхтæ хъусын кæнынц, цæмæй Украинайы  гарзджын тыхтæ ноджы иу  артиллерион хафт ракодтой Антоновскы  хидыл
Херсоны оккупацион тыхтæ хъусын кæнынц, цæмæй Украинайы гарзджын тыхтæ ноджы иу артиллерион хафт ракодтой Антоновскы хидыл

Херсоны оккупацион тыхтæ хъусын кæнынц, цæмæй Украинайы  гарзджын тыхтæ ноджы иу  артиллерион хафт ракодтой Антоновскы  хидыл.  Уый фæдыл  информаци «ВВС»-ы уырыссаг æвзагон  бюро, уырыссаг паддзахадон  медиафæрæзтыл  æнцойæ  хъусын кæны.

Сæ информацийæ, украинæгты  хафты  фæстиуæгæн базиан ис  арæзтадон техникæ, кæцы  цæугæдон Днепрыл  уæвæг хиды  реабилитацион куыстытæ  æххæст кодта.

Уыимæ, оккупацион   тыхты  минæвæрттæ бæлвырд кæнынц, цæмæй   хафты фæстиуæгæн, хид  «критикон зиæнттæ» нæ райста. Уыдон не сконкрет кодтой, цæмæй  цас рæстæгæй  æрцыд æргъæвд  хиды байгом.

Антоновскы хид у сæ иу уыцы  дыууæ ахизæнтæй,  кæцытæ уырыссаг тыхтæ  Днепры  ныгуылæн былыл  сæ  оккупацигонд  районтимæ иу кæны.