Хатиа Деканоидзе – уый у санкциты фыццаг этап, кæцы баххæсдзæн алы æххæстгæнæг уæнгмæ Гуырдзыстоны хицауады, прокуррортæм, пъæлицæйы бæрзонд гæстæм
Уый у санкциты фыццаг этап, кæцы баххæсдзæн алы æххæстгæнæг уæнгмæ Гуырдзыстоны хицауады, афтæма прокуррортæм, пъæлицæйы бæрзонд гæстæм – загъта оппозиционер депутат Хаиа Деканоидзе.
Деканоидзе афтæ сдзуапп кодта АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Энтони Блинкены фидиуæнæн, кæцыйы уый банысан кодта: «Хъусын кæнын ног визон арæнæвæрдты политикæйы тыххæй уыдонæн, чидæриддæр бæрнон сты Гуырдзыстон демократийæн йæ бын ракъахыны».
«Картули Оцнебайы» алы минæвар хъавы, ацы зондцух адæймæгты фæдыл ацæуын. Иунæг æмцæдисон, кæцы сын уыд, Венгри æмæ Вархей уыдис, кæцы еврокомиссар æмæ Орбаны хицауады минæвар у. «Картули Оцнебайы» иумæйагон чатты хæлиу кодта информаци, ома еврокомисси «Картули Оцнебайы» санкциты консессусмæ не рцыд, уымæн æмæ хъуыды кодтой, цæмæй йыл Венгри вето сæвæрдтаит. Ныр Венгрийы минæвары, еврокомиссары Къобахидзе аххосджын кæны шантажы, марындзинадмæ хъавды æмæ нæуырнинаг æрвитæггæгтæ хæлиу кæны. Бидзина Иванишвилимæ ницы план ис æмæ æрмæст сæрмагонд финансты, æдасдзинад аирвæзын кæныныл хъуыды кæны. Уый алкæй аппардзæн, йæ раздæры æмбæлтты куыд аппæрста афтæ. Тæссаг сты ацы адæм, æрра адæймæгты бæстæйы хицауады. «Уырыссаг закъоны» тыххæй дыццæджы ветойы сæрты ахизын хъавынц.
Уый у санкциты фыццаг этап. Ацы санкцитæ баххæсдзысты алы æххæстгæнæг уæнгмæ Гуырдзыстоны хицауады, алы прокуррормæ, пъæлицæйы бæрзонд гæстæм, кæцытæ тыхмидзинад дарддæр кæнынц адæймæгты, афтæма санкцитæ баххæсдзысты мэртæм, муниципалитетты кусджытæм, алы уыцы хицауадон структурæйы кусджытæм, кæцытæ йæ бын къахынц адæймаджы бартæн. Гуырдзыстоны хицауад кæцы гадзрахатгæнæг акт сыххæст кодта, АИШ куы аскуыддзаг кодта стратегион партнерад æркæсын, уый у националон интерестыл гадзрахатдзинады æмбæр, æмæ уымæн ис сегасдæр уæззау аргълæвæрд Гуырдзыстоны æмбæстæгтæй. Цалынмæ ацы бæстæйы Иванишвилийы хицаудзинад ис, æххæст изоляцийы уыдыстæм. Къобахидзе, Иванишвили æмæ алы ацы адæймаг – Иванишвилийы когорта, йæ прокситæ изоляцийы æрдæм фæцуæуынц æмæ сæ фæнды Гуырдзыстоны фестын кæной уырыссаг цъыфдзастæй. Афтæма санкцита баххæсдзысты пропагандисттæм æмæ алы уыцы адймагмæ, чидæриддæр пропагандæ хæлиу кæны», – райхуъсын кодта Хатиа Деканоидзе.