Хатиа Деканоидзе хъусын кæны, цæмæй «Нацизмæлд» парламентмæ æрыздæхдзысты, кæд Саакашвилийы хъуыддагыл рæстæгмæ фæдæвзарæг комисси сырæздзæн
«Националон Змæлды» уæнг, Хатиа Деканоидзейы фидиуæнæй, «Нацзмæлд» зæгъгæ ныууаддзæн бойкот æмæ парламентмæ æрыздæхдзæн уыцы цауы, кæд æмæ Михеил Саакашвилийы хъуыддагмæ гæсгæ фæдагурæг комисси сырæздзæн. Уый фæдыл Деканоидзе адвокат Гиорги Мшвениерадзейы фидиуæныл комментарийы рæстæджы загъта, кæцымæ гæсгæ дæр Михеил Саакашвили хъуыды кæны, цæмæй нысаниуæгджын уыдзæн парламенты уыйфæдыл хъуыддагыл рæстæгмæ фæдагурæг комисси сырæза.
Деканоидзе журналисттæн куыд загъта, афтæмæй, парламенты комисссийы саразын нысаниуæгджын у уыцы фоныл, паддзахадон инспекторы куыст æрыхгæндзысты.
«Цалдæр куырийы разæ мын уыд Михеил Саакашвилиимæ фæдагурæг комисси саразыны тыххæй ныхас. Йеуæд загътон, цæмæй дзæбæх уыдаит ацы комиссийы саразын парламенты. Ныр æмбарын йæ ахаст, паддзахадон инспекторы куыст куы æрыхгæдтой æмæ ныр йæм ницыуал æххæстбартæ уыдзæн Лонда Толораиайæн. Хицауадуый сарызта, цæмæй Михеил Саакашвилийы хъуыддагыл ма уа кæронмæ фæдагуырд паддзахадон инспекторы æрдгæй. Уый тыххæй, фæдагурæг комиссимæ лæвæрд уыдаит стыр нысаниуæг. Иттæг ахсджиаг у ацы комиссийы скусын кæнын. Стыр ныфс мæм ис, ацы темæтыл фæуынаффæ кндзыстæм. Уыдис нын ныхас оппозицион коллегæтимæ. Стыр ныфс мæ ис, цæмæй 50 хъæлæс æрымбырд уыдзæн. Куы фенæм, цæмæй паддзахадон инспекцийы куысты фæивын гæнæн ис, уæд рæцæуæд ацы комиссийæ, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы бахиздзыстæм парламентмæ, уый уыдзæн нæ иуæй-иу нысаниуæгджын куыст. Æнæмæнгхъæугæ у сырæза политикон документ æмæ уый у мæ фидар позиц, цæмæй фæивдзæн «Гуырдзиаг Бæллиццы» æхгæд паддзахадон инспекторы куыст», – райхъусын кодта Деканоидзе.