Хатиа Деканоидзе - æз куыд зонын афтæмæй, Ника Мелиа ног партиимæ æввахс периоды ралæудзæн, цымидисон конфигруацийы кой кæнынц йæ минæвæрттæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, тæвд уалдзæг нын уыдзæн
Консультацитæ, диалог мын уыдис Ника Мелиаимæ æмæ Ника Гварамиаимæ. Уырнæг дæн, алы уыцы адæймагы синергион иудзинад, кæцы сæрмагонд роль уыны Бидзина Иванишвилийы ныхмæ тохы, нысаниуæгджын уыдзæн, – уый фæдыл оппозиционер депутат Хатиа Деканоидзе райхъусын кодта.
Хатиа Деканоидзе нæ бæлвырд кæны, цæмæй дзырдæуы «Лелоимæ» ист хуызы альянсы тыххæй. Уыимæ Хатиа Деканоидзе банысан кодта, цæмæй информаци йæм куыд ис афтæмæй, Ника Гварамиа ног партиимæ æввахс периоды ралæудзæн.
«Мах ныхас кæнæм æмæ æнæиухатт загътон, цæмæй Ника Мелиаимæ ахастытæ нæ аскуыдтам. Мах ныхас кодтам æмæ ацы ныхас æххæссыд политикон консультацитæм дæр. Гварамиаимæ ныхас нæ аскуыдтон, уый ахæстоны куы уыд æмæ нæдæр куы ыссæрибар ис уый фæстæ. Дыууæдæр адæймагæн стыр ресурс æмæ потенциал ис, цæмæй Иванишвилийы ныхмæ ацы синерги æрхæссой, кæцы хъуамæ уаид иудзинадæн. Ацы этапыл дзырдæуы æрмæст уыдоныл чидæриддæр азты дæргы уыдысты мæ хæлæрттæ. Æз куыд зонын, афтæмæй, Ника Гварамиа ног партиимæ æввахс периоды ралæудзæн. Тынг цымидисон конфигруацийыл ныхас кæнынц йæ минæвæрттæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, цымидисон æмæ тæвд уалдзæг нæм æнхъæлмæ кæсы», – банысан кодта Хатиа Деканоидзе.