Харьковы, посты бæстыхайы амынæтуæвæг æмбæстæгты ссæрибар кодтой

Харьковы, посты  бæстыхайы  амынæтуæвæг  æмбæстæгты  ссæрибар кодтой. Фыдгæнæг  ахст у –  уый фæдыл хъусын кæны   Украинæйы полици.

Барадхъаххъæнджытæ куыд дзурынц афтæмæй,  ахст у  1977 гуырд  гоймаг,  кæцы  посты  бæстыхаймæ хæстæг цардис.  Уый амынæт скодта  11 адæ1ймагы æмæ сæ  знон бон изæрмæ бæстыхайæ  дуармæ нæ уагъдта.   Фыдгæнæг исты æркуырдтæ нæ бавдыста.  Фæлæ  бæлвырд кодта цæмæй йæ буарыл  уыдис рæмудзæн  гарзæг  æмææртъхъирæн кодта йæ скусын кæнынæй.  Уый тыххæй полици  тыхæй  спайдайæ йæхи урæдта.

Боны кæрон иу амынæт раирвæзт кæцы рæстæджы дæр посты бæстыхаймæ  спецназ балæбурдта  æмæ фыдгæнæджы æрцахста.

Фыдракæнды мотив ацы афонмæ нæу бæрæг.