Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Къвирикашвили дзуттаг адæмæн Ханукайы бæрæгбон раарфæ кодта Тбилисы Сæйраг Синагогайы, цы ран абон Ханукайы цырагъ æссыгъдта. Мадзалыл уыдысты Гуырдзыстоны Израилы минæвар Шаптай Цур, Гуырдзыстоны хицауады минæвæрттæ, Тбилисы мер Кахи Каладзе, дипломативон корпус, Равинтæ æмæ дзуттаг адæмы минæвæрттæ .
Тбилисы Сææраг Синагогайы æрымбырдуæвджытæн видео-дзырды фæрцы Йерусалемæй басидтис Израилы премьер-министр Виньямин Нетаньяху. Израилы хицауады сæргълæууæгæн Гуырдзыстоны премьер министр Ханукайы бæрæгбон раарвæ кодта.
Ханукайы бæрæгбон 8 боны аххæссы. Æрвылбононæй алы синагогайы æмæ дзуттаг уырнонты бинонты, иу цырагъ ссудзынц. Символонæй фыццаг цырагъы абон æссыгъдта Гуырдзыстоны премьер-министр.