Хъахъхъæнынады уагдон æнæнизхъахъхъæды министрадмæ сæдæгай  сынтæг  алæвæрдта кæцыты райуæрстой Дигъоми æмæ Самгоры
Хъахъхъæнынады уагдон æнæнизхъахъхъæды министрадмæ сæдæгай сынтæг алæвæрдта кæцыты райуæрстой Дигъоми æмæ Самгоры

Хъахъхъæнынады  уагдон  æнæнизхъахъхæды министрадмæ алæвæрдта  сæдæгай  сынтæг, кæцыты  Дигъомы æмæ Самгоры  райуæрстой –  уый фæдыл   банысангонд у  информацийы, кæцыйы  ахæлиу кодта  хъахъхъæнынады  министрад.

Афтæма сæ  хъусинагæй, хъахъхъæнынады  министрад  цæттæдзинад  æвдисы,  бахъуаджы  цауы  «Дельтайы»  базæйыл  æрвылмæййонæй  мины онг уæлæмхас  сынтæг  æрцæттæ кæна æмæ  сæ æнæнизхъахъъхæды министрадмæ  адæтта.

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы  бардзырдмæ гæсгæйæ,   ног коронавирусы ныхмæ  тохы нысанæн –  вакцинацийы процесс  эффективон  ауадзынæн, процессмæ ныридæгæн баиу сты Гуырдзыстоны хъахъъхæнынады тыхтæ.  Премьер-министры уынаффæ  сыххæсты нысанæй,   хъахъхъæнынады  министрад ныридæгæн рауæлдай кодта  бæрæг ресурстæ  пандемийы  ныхмæ   тохы  процессæн  баххуыс кæнынæн.

Ацы  этапыл, лигъдæтты, фæллойады, æнæниздзинад æмæ   социалон хъахъхъæды министрадмæ, хъахъхъæнынады  министардæй  сæдæгай сынтæг уыд лæвæрд, кæцытæ райуæрстой дыууæ локацийыл  –  Дигъоми æмæ  Самгоры.

Афтæмæ хъахъхъæнынады министрад æвдисы цæттæдзинад, бахъуаджы цауы,  æфсæддон-зонадон техникон центр   «Дельтайы»  базæйыл,  æрвылмæййонæй, мины онг уæлæмхас сынтæг  æрцæттæ кæна  æмæ сæ æнæнизхъахъъхæды министрадæн адæтта.

Уымæй  дарддæр ма,  хъахъхъæнынады  уагдоны  арызт у  мобилон  æфсæддон-медицинон къордтæ, кæцытæ æмбæлгæ  бахъуаджы  цауы процессмæ баиу уыдзысты.  Фæнысангонд къордтæ  бынæттон  муниципалитеттимæ  координацигондæй  сифтонг кæндзысты рæувадат  скæнын вакцинцинацийы  процесс уыцы æмбæстæгтæн, кæцытæн не нтысы  вакцинацийæн архайæг  локацитæй  спайда кæнын» –  банысангонд у  хъахъхъæнынады министрады  информацийы.