Хъахъхъæнынады, экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ райрæзты министрады  къадрон ивдтытæ сыххæст сты
Хъахъхъæнынады, экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ райрæзты министрады къадрон ивдтытæ сыххæст сты

Министрты  постыл  нысан кæныны фæстæ, къадрон ивдтытæ  дыууæ министрады – хъахъхъæнынады, экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ райрæзты  министрадты  сыххæст сты, – уый  фæдыл  информаци хъусын кæны  хицауады  администрацийы пресскуыст.

Афтæма сæ информацийæ, ногнысангонд хъахъхъæнынады министры, Ираклий Чикованийы  хæдивæг  Гиорги Хаиндравайы  Серго Джанелидзе  фæивдта.  Хъахъхъæнынады министры фыццаг бынаты позици  ныууагъдта  Лела Чиковани æмæ хæдивæг –  Гиорги Бубунаури.

«Иракий Чиковани  хæдивджыты  постытыл кусын дарддæр кæнынц – Давит Суджашвили  æмæ Григол Гиоргадзе.

Фыццаг вице-премьеры, экономикæ æмæ æнæфæцудгæ райрæзты министры – Леван Давиташвилийы фыццаг хæдивæг  Ромео Микаутадзейы,  Нино Энукидзе  фæивдта, кæцы  уæдмæ   хæдивæгы  пост ахста.

Леван Давиташвилийы  хæдивджыты бынатыл кусын дарддр кæнынц: Мариам  Квривишвили, Генади Арвеладе, Гурам Гурамишвили, Ираклий Надареишвили æмæ Вахтанг  Цинцадзе», – банысангонд у хицауады администрацийы информацийы.