Хъæуты интернетизацийы проекты фæлгæты, фидæн 5 азы дæргъы, Гуырдзыстоны, бæрзонд гъæды интернет рæувадат уыдзæн ноджы æрдæг милуанæй фылдæр адæймагæн
Коммуникациты комиссийы информацийæ, Гуырдзыстоны фиксиргонд фæтæнтагджын интернет лæггады, куыд абонентты нымæцæй, афтæ æфтиæгты æрдгæй, фиксир кæны рæзынады тенденци.
2020 азы бæрæггæнæнтæй, фиксиргонд фæтæнтагджын интернет лæггады абонентты нымæц милуанмæ ахæццæ ис, дырысæй та 998 мин абоненты бæрц. 2019 азимæ абаргæйæ, абонентты нымæц 6.1%-æй 57 мин абонентæй фæфылдæр ис.
2020 азы ивгъуыд азау, абонентты нымæц фылдæр фæуæлдай ис регионты. Тбилисы фæтæнтагджын итенрет лæггады базар, зæгъæн ис, æххæстæй æфсæст у. Стыр горæтты æмæ хъæуты тыххæй куы зæгъæм, сæрмагондæй та уыцы муниципалиетты, цы ран оптикон-тагджын хызаг парахат кæны, фиксиргонд фæтæнтагджын итенрет лæггадæй фæлхасгæнджыты нымæц нысаниуæгджынæй фылдæр кæны.
2020 азы раззаг азимæ абаргæйæ абонентты нымæцы 8.2%-он рæзт сфиксир ис регионты, Тбилисы абонентты нымæц æрмæст 3-2% куы фæфылдæр уæд.
Фиксиргонд фæтæнтагджын интернет лæггад Гуырдзыстоны алы горæт æмæ цæрæн ран рæувадат у, æрмæст Гуырдзыстоны уæвæг 3 385 хъæуæй, интернет 2 193 хъæуы у рæувадат. Иннæты тыххæй куы зæгъæм, уæд хæъуты æппæтон интернетизацийы проекты фæлгæтты, фиксиргонд фæтæнтагджын интернет лæггадæн хъæугæ инфраструктурæйæ, коммиссиимæ æмгуыстгæнгæйæ компани «Open NET» Паддзахады æмæ Дунейон Банкы финансгондæй сифтонг кæндзæн. Проект фондз азы дæргъы сыххæст уыдзæн æмæ этапгай 1000-ы онг хъæуыл ахæлиу уыдзæн, æмтгæй райсгæйæ та ноджы æрдæг милуан адæймагæн рæувадат уыдзæн бæрзонд гъæды интеренет.