Хæлцады националон агентад продукцийы экспрорты фæдыл фидиуæн публикаци кæны
Хæлцады национ агентад продукцийы экспрорты фæдыл куырдиат аразы. Куырдиаты куыд у банысангонд афтмæй, гуырдзиаг аграрон продукцийы дунейы базарыл экспортрайрæзын кæнынæн, активон куыст азты дæргъы цæуы.
Агентады хъусын кæнынц, цæмæй ацы процессы баст у куыд æмбæлгæ паддзахадон структурæтæ, афтæ зындгонд æхсæнадæмон маркетингонд компанитæ.
«Куыст цæуы гуырдзиаг цæрæгойнон продукты жкспорты рæзы æрдæм дæр.
Хæлцады национ агентад бадзырдтæ уадзы бирæ бæстæтимæ, сæ нымæцы, иу къуырийы размæ æнтыстджын бадзырдтæ уыд Сауды Аравиимæ. 2020 азæй райдайгæ, бадзырдтæ цыд Уæрæсейы Федерациимæ дæр, кæцыйы бындурыл, хаст уыд уынаффæ, гуырдзиаг цæрæгойон продукцийы экспорт ауадзынæн Уæрæсейы Фдереацимæ æмæ æндæр бæстæтæм.
Иурæстæгонæй Евроцæдисы ассоциацидзинады бадзырды фæлгæтты, интенсивон куыст цæуы стандарттыæмæ регуляцитæ æрфидар кæнынæн, цæмæй Гуырдзыстоны цæрæгойон продуктты экспорт гæнæн бауа Евроцæдисы бæстæтæм дæр.
Цæрæгойнон продукттæен базарты диверсификацийы нысанæн, æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министрады политикæйы æмæ хæлцады агентады сыххæст мадзæлтты фæстиуæгæн, Евроцæдисы базармæ 2016 азы декабрæй, уæгъд у гуырдзиаг мыды экспорт æмæ уый фæстиуæгæн, ивгъуды азы Европæмæ прецеденгт цæмæн нæй ахæм бæрцæй мыд аластой» – банысангонд у хæлцады националон агентады фидиуæны.