Хæлцады националон агентад  нæзагъд кæны информацийыл,  кæцымæ гæсгæ дыууæ-æртæ сдуры хицæутты бахъæудзæн фидтон фидын
Хæлцады националон агентад нæзагъд кæны информацийыл, кæцымæ гæсгæ дыууæ-æртæ сдуры хицæутты бахъæудзæн фидтон фидын

Ахæлиугонд  информаци уый тыххæй,  ома  кæд адæймагмæ дыууæ-æртæ  сдуры ис, уæд  дзы  фидтон  фидын бахъæудзæн  æмæ  йыл æвæрд  æрцæудзæн финансон  бæрн,  рæст нæу.

Хæлцы националон агентады информацийæ,  2020 азæй  бизнесоператорæй  регистраци  æнæмæнгхъæугæ уыдзæн  уыцы  физикон уæнгтæн, кæцытæ амал кæнынц  æмæ  базармæ рахæссынц  продукт.

Агентады хъусинагæй,  бизнесоператорæй   регистраци æнæфидггæ  у.  Фæнысангонд  регуляци   Евроцæдисимæ  сæрибар базарадон   тыгъдады  фæдыл бадзырды  фæлгæтты   сисгæ  хæстæм æмбæлонæй  сæххæст уыдзæн.

Регуляцийы  сæйраг нысан  у  пайдагæндыты æнæниздзинад хъахъхæд пайдгæнæгон  базары  æнæзианхъом  хæлц-халсарæй   ифтонгады фæндагæй.

Фермертæн хæлцы  æнæзианхъомдзинадыл аудæг  специалисттæ  бадæтдзысты  информаци æмæ  сын рекомендацитæ ратдзысты.