Кетеван Цихелашвили Гуырдзыстоны цæрæг дзуттæгтæн Пейсахы бæрæгбон арфæ кæны
Фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстаты паддзахадон министр Кетеван Цихелашвили Гуырдзыстоны цæрæг дзуттæгтæн Пейсахы бæрæгбон раарфæ кодта.
«Арфæ уын кæнын ацы стыр бæрæгбон – Пейсах, кæцы у дзуттæгты цагъарæй фервæзты, физикъон æмæ удон ссæрибары символ. Ацы стыр бон символон нысаниуæг ис, уымæн æмæ хахх кæны куыд сæрибаруарзаг сты дзуттаг адæм.
Арфæ уын кæнын, цæмæй уæ алкæцыйы бинонты уа сабырдзинад, æнтыстдзинад æмæ фарн.
Гуырдзиæгты æмæ дзуттæгты хæлардзинад уникалон æмæ тынг аргъджын у æмæ йын бирæ æнусон истори ис. Дзуттаг æмбæстæгты культурæ æмæ религи та нæ бæстæйы æнæдихаг хай у. Æнуст дæргъы Гуырдзыстон дзуттæгты фыдыбæстæ у æмæ сæ культурæ æмæ религи нæ бæстæ ноджы бонджындæр æмæ бирæгъуызондæр кæны. Алкæмæн дæр уын арфæ кæнын æнæниз куыд уат уый, æмæ уырнæг дæн, цæмæй коронавирусы тасæн иумæйаг тыхтæй бафæраздзыстæм»- хъусын кæны Кетеван Цихелашвили.
Пейсах у дзуттаг æмæ самарийаг бæрæгбон, кæцы дзуттаг адæмы Египеттæм цагъарæй ссæрибар кæнынæн нывонд у. Ацы библейæг бæрæгбон зынаргъ æмæ ычаниуæгджын у дзуттаг адæмæн. Ацы бон дзуттаг адæм Йерусалемы аргъуанмæ фæцæуынц кувынмæ.
Информацийы хъусын кæны фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстаты паддзахадон министры аппараты пресс-куыст.