Кетеван Цихелашвили – абоны къахдзæфæй бæрæг у, цæмæй прокуратурæмæ ис бæрæг фæстиуджытæ Арчил Татунашвилийы хъуыддаджы равзарыны фæндагыл
Арчил Татунашвилийы хъуыддаг иттæг нысаниуæгджын æмæ бæрзондприоритетджын у куыд барадхъахъъæнджытæн æмæ прокуратурæйæн, афтæ мах алкæмæн дæр – уый фæдыл, фидыды æмæ æмбæстæгон æмсæрады фарстыты Гуырдзыстоны паддзахадон министр Кетеван Цихелашвили, Гуырдзыстоны прокуратурæйы скуыддзагæн аргълæвæрды рæстæджы райхъусын кодта.
«Прокуратурæ ахæлиу кодта информаци, ома дыууæ уæнгæн аххосаг бавдыстой къордон хъизæмары æххуысæн, ацы уæззау фыдракæнды хайад исыны тыххæй. Фæлæ фæдагуырд дарддæр кæны æндæр дзуаппдæттæг уæнгты рабæрæг кæнынæн. Ацы уæнгтæн фæсаууонмæ бавдыстæуыд дауу. Ацы хъуыддаг иттæг нысаниуæгджын æмæ бæрзондприоритетджын у куыд барадхъахъъæнджытæн æмæ прокуратурæйæн, афтæ мах алкæмæн дæр. Абоны къахдзæф уый бæлвырдгæнæн у, цæмæй прокуратурæйæн бæрæг фæстиуджытæ ныридæгæн ис, фæдæвзарыны процессыю Вазыгджын процесс у, уымæн нын не нтысы стандартон уавæрты кусын. Бирæ куылымыпыгæнæг фактор ис, фæлæ ацы фæдагуырд адарддæр уыдзæн» – банысан кодта Кетеван Цихелашвили.