Кемеровойы базарадон центры зынгирвæзты фæстиуæгæн 41 сывæллон фæмард

Кемеровойы  базарадон центры  зынгирвæзты фæстиуæгæн  41  сывæллон фæмард.  Ацы информацийы  уырыссаг  медиимæ ныхасы  рæстæджы   сбæлвырд кодта  уæлвæтк уавæрты  куысты минæвар.

Афтæдæр  йæ информацийæ,  ныр  рынчындоны  ноджы 14   адæймаг уæвы,  кæцыты нымæцы афтæдæр ис сывæллæттæ.

Ацы рæстæгмæ  уæвæг  официалон  бæрæггæнæнтæй,   базарадон  центры  зынгирвæзты  фæстиуæгæн фæмард  æдæппæт 64  адæймаг.  Сæ идентификацийы  процесс дарддæр кæны.

Афтæма Кемеровойы  уагъд цæуы митинг, кæцыйы  хайадисджытæ, æрцæугæйы тыххæй  бынæттон хицауадæй домынц  сæхи сæ куыст бынæттæй  сисой.

Кемеровойы  базарадон  центр 25 марты басыгъд.  Зынгирвæзты  расидæг  аххосæй  бавдыстæуыд цыбыр ныдзæвд.  Уыйимæ иумæ фæдагуырд  цæуы  куыстмæ уæлæнгай ахасты  статийæ.  Ахст сты  5  уæнгы,  сæ нымæцы  бæстыхайы  бардарæг  æмæ  хъахъхъæды кусæг,   кæцы  фæдагуырды бæлвырдæй,  зынгвæдисон сигнализаци  раиу кодта. Фæлæ  бынæттон   медиа хъусын кæны, цæмæй  базарадон  центры   зынгвæдисон  сигнализаци,  цалдæр  къуыри  дæргъы  нæ куыста æмæ   уый фæдыл  хицæуттæ  информиргонд уыдысты.