Келли Дегнан -  Президент абон уыдис тынг дырыс,  фидар мессиджтæ йын  уыд,  мæ хъуыдымæ гæсгæ, йæ рацыд  уыд æцæгдæр  диссаг
Келли Дегнан - Президент абон уыдис тынг дырыс, фидар мессиджтæ йын уыд, мæ хъуыдымæ гæсгæ, йæ рацыд уыд æцæгдæр диссаг

Президент абон уыдис тынг дырыс,  фидар мессиджтæ йын  уыд,  мæ хъуыдымæ гæсгæ, йæ рацыд  уыд æцæгдæр  диссаг – уый фæдыл Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар  Келли дегнан, Гуырдзыстоны  президент Саломэ Зурабишвилийы   афæдзон раныхасæн аргълæвæрды рæстæджы загъта.

АИШ-ы минæвары дзырдæй,  зæгъгæ Саломэ Зурабишвилийы   ныхас  афтæдæр  уыд регионы стабилондзинадыл, кæцымæ баххæссын, Дегнаны  хъуыдымæ гæсгæ,   гæнæн ис  компромисс, диалог, æмгуыстад æмæ  кæрæдзимæ хъусынæй.

«Президент абон уыдис тынг дырыс,  фидр мессиджтæ йын  уыд,  мæ хъуыдымæ гæсгæ, йæ рацыд  уыд æцæгдæр  диссаг, уымæн æмæ бахахх кодта ацытæккæ иудзинады нысаниуæг – Гуырдзыстоны хицауады  мидæг иудзинад,  оппозицийы  æмæ фæткдæттæг партийы  иудзинад, гуырдзиаг адæмы иудзинад, кæцы  афтæ  хъарм æмæ  зæрдæхæлар  фарсхæцын равдыста украинаг адæмæн.

Гуырдзыстон  ахæм трагеди   йæхиуылы бавзæрста, кæцыйæ   баззайгæ  ностæ  æмæ  хъæдгæмттæ нырма не сдзæбæх сты   Гуырдзыстонæн.  Федтам гуырдзыйаг адæмы  зæрдæхæлар  фарсхæцын Украинаг адæмæн  æмæ   президенты   рацыд  раст уый  æвдисæг уыд.  ЙÆ раныхас  афтæдæр уыд   ацы  регионы  стабилондзинады тыххæй, кæцымæ баххæссын гæнæн ис компромисс, диалог, æмгуыстад æмæ  кæрæдзимæ хъус даргæйæ.   Тынг раст  загъта – Тых Иудзинады Ис»- райхъусын кодта Келли Дегнан.