Келли Дегнан -  Мах стæм Анаклиайы арфдойнаг поорты райрæзты  стыр фарсхæцджытæ, кæцы хъуамæ афтæ сыххæст уа, æмæ уа Гуырдзыстоны сегасдæр хуыздæр интерестæм æмбæлон
Келли Дегнан - Мах стæм Анаклиайы арфдойнаг поорты райрæзты стыр фарсхæцджытæ, кæцы хъуамæ афтæ сыххæст уа, æмæ уа Гуырдзыстоны сегасдæр хуыздæр интерестæм æмбæлон

Гуырдзыстоны  АИШ-ы минæвар Келли дегнаны  фидиуæнæй,  зæгъгæ АИШ у Анаклиайы  арфдойнаг порты  проекты  фидар фарсхæцæг.  Афтæма йæ  дзырдæй,   зæгъгæ Анаклиа  стыр хайбавæрд скæндзæн Гуырдзыстоны  экономикæйы,  сæвзæрын кæндзæн куыстбынæттæ  ацы регионы æмæ  йæ æддæйæ.

Келли Дегнан  куыд дзуры афтæмæй,   уымæ уæвæг информацийæ,  хицауад Анаклиайы портыл тендер расидын хъавы  иннæ фидæн азы райдайæны.

«АИШ  азты дæргъы Анаклиайы  арфдойнаг  порты  хъæддых фарсхæцæг у,  уымæн æмæ нымайæм, цæмæй   уый гæнæн ис  уа нысаниуæгджын  контрибуци  Гуырдзыстоны Сау Денджызы æрдæм ориентацийы хъуыддаджы.  Ныр  алчи уынæм, Анаклиайы порт фарон  куы фæуыдаит, сæрыфыццаг куыд уыдис плангонд афтæ,  кæд уыдаит егъау  хайбавæрд Гуырдзыстонæн, уымæн æмæ Гуырдзыстон  тынг кæны  йæ роль Централон Азийæ Европæмæ   уæзты  ласыны  хъуыддаджы.  Уый у Гуырдзыстонæн критикон  нысаниуæгы инфраструктурæ  райрæзтæн,  растдæр уый тыххæй  нырид бæрæг рæстæджы дæргъы  сидтис АИШ  Анаклиайы порт саразынмæ.

Æз куыд зонын афтæмæй,   цалдæр  глобалон   квалифициргонд   портон оператор ис, кæцытæ   равдыстой интерес  Анаклиайы портæй æмæ  хицауад фидæн азы  райдайæны  тендеры   рахъусын кæнын хъавы.  Мæ хъуыдымæ гæсгæ,   Анаклиа  стыр хайбавæрд скæндзæн Гуырдзыстоны  экономикæйы,  афтæма  сæвзæрын кæндзæн   куыстбынæттæ  ацы регионы æмæ йæ æддæйæ. Афтæмæй  мах стæм Анаклиайы  арфдойнаг порт райрæзты  стыр фарсхæцджытæ, кæцы хъуамæ сыххæст уа  афтæ, æмæ  Гуырдзыстоны  сегасдæр хуыздæр интерестæм æмбæлон уа æмæ  бахъахъхъæндзæн Гуырдзыстоны критикон  инфраструктурæ» – райхъусын кодта Келли Дегнан.