Келли Дегнан -  Гуырдзыстон дырыс сфиксир кодта Уæрæсейы æрдгæй Украинайы территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитет халыны фæдыл позици
Келли Дегнан - Гуырдзыстон дырыс сфиксир кодта Уæрæсейы æрдгæй Украинайы территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитет халыны фæдыл позици

Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар Келли Дегнан, парламенты сæрдаримæ Шалва Папуашвилиимæ  фембæлдыл, Украинайы алыварс фæзындтæ афæлгæста.

Минæвар  райхъусын кодта, цæмæй æхсæнадæмон  дзыллæ фæактивон ис æмæ АИШ-ы фарсхæцын  Украинайæн æнæцудгæ у.

«Æхсызгон мын у Тбилисмæ æрыздæхт.  Ныр мын уыдис  пайдаджын фембæлд  Гуырдзыстоны  парламенты сæрдаримæ.  Æркастыстæм  мæ  консультацитæ Вашингтоны,  афтæдæр  Уæрæсейы агресси Украинайы. Вашингтоны мæ фембæлдтыл  тынг дырыс уыдис, ома  дарддæр кæны  уæрæх дыууæпартион  фарсхæцын Гуырдзыстонæн  евроатлантикон   фæндагыл. Уый адарддæр уыдзæн фидæны дæр», – райхъусын кодта минæвар.

Уый ма  ноджы иу  хатт   равдыста  катай   Украинайы кризисæй, кæцыйы  сцырын кодта Уæрæсе æмæ   банысан кодта, цæмæй украинæгты  æхсарджын дзуапп тынг тæлмæн скодта æппæт дунейы.

«Гуырдзыстон дырысæ  сфиксир кодта Уæрæсейы æрдгæй  Украинайы  территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитет халыны фæдыл.  Мæ хъуыдыйы  дарын уый, цæмæй  дырыс  позици ахсы  бирæрдгæй,  организациты, ИНО-йы, Европæйы Советы æмæ уымæн аргъ скæнын хъæуы. Афтæма гуырдзиаг адæмы, бизнесы æмæ хицауады  зæрдиаг дзуапп гуманитарон  æххуысы æмæ фарсхæынæн  Украинаг адæмæн.  Мах алкæмæн дæр фылдæр саразын  бахъæудзæн  фидæн бонты.   Уынæм, цæмæй  æхсæнадæмон дзыллæ сфидар кодтой санкцитæ.  АИШ миллиард долларæй  фылдæр  аргъы  æфсæддон æххуыс арвыста Украинамæ   ивгъуыд азы мидæг, уый нымæцы 350 милуан, кæцы  амæйразмæ  уыд лæвæрд   паддзахадон  нымæрдар Блинкены æрдгæй.

Нæ фарсхæцын  Украинайæн  æнæцудгæ у  æмæ афтæ уыдзæн  дарддæр.  Зонын, цæмæй мах иумæ стæм. Ацы рæстæджы иудзинад, сегасдæр нысаниуæгджын æрвитæггаг у, кæцыйы равдисын нæ бон у Уæрæсейæн, цæмæй æхсæнадæмон  дзыллæ   у иугонд ацы  бырсты  раз,  Европаг  æдасдзинады æмæ  уыцы паринципты  ныхмæ, кæцыты фæрцы   нæхи æдасдзинад æмæ фарн  уыдис фæстаг 30  азы дæргъы», – райхъусын кодта  Келли Дегнан.