Келли Дегнан – АИШ аргъ кæны Гуырдзыстоны Украинайæн фарсхæцынæн æхсæнадæмон форумтыл
Ницы интерес нæм ис, цæмæй ацы хæст ахæлиу уа Гуырдзыстоныл, никуы ныхас кодтам Гуырдзыстонимæ кæнæ искæцы æндæр бæстæимæ дыккаг фронт бакæныныл, уый хуымæтæгæй гæдыдзинад у – уый фæдыл Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар, Келли Дегнан телекомпани «Имеди»-мæ эксклюзивон интервьюйы загъта.
«Иугонд Штаттæ тынг аргъ кæнынц, Гуырдзыстоны (Украинайæн) фарсхæцынæн æхсæнадæмон форумтыл: Национ Банкы цыр архайд финансон санкцитæм æмбæлгæйæ, уыцы егъау гуманитарон æххуыс, кæцы гуырдзиаг адæм æмæ Гуырдзыстоны хицауад рахицæн кодтой украинаг адæмæн. Иугонд Штаттæ сæрæй дæр æргомæй загхта Гуырдзыстоны хицауадæн, цææмй дзæбæх æмбары уыцы сæрмагонд уавæр, кæцыйы лæууыд Гуырдзыстон Уæрæсейы хуссар флангыл йæ территорийы 20 проценты оккупацийы уавæрты. Дзæбæх æмбарæм цавæр уззау уавæры лæууы Гуырдзыстон æмæ аргъ кæнæм уыцы къахдзæфтæн, кæцыты Гуырдзыстон сарызта Украинайæн фарсхæцын равдисынæн æмæ уый саразынæн, йæ бон цы бацис. Растдæр уый куырдтам алы бæстæйæ, саразой цы сæ бон у уый: рахæцой йæ фарс Украинайæн Уæрæсейы агрессийы ныхмæ, сæрмагонд суверенитетæн тохы æмæ маруадзой Уæрæсейы архайд сндидзын кæна Уæрæсейы импери, йæхæдæг Путин куыд загъта афтæмæй.
Америкæйы Иугонд Штатты нæ фæнды æмæ нæ интерестæм нæ цæуы ацы хæст ахæлиу уа Гуырдзыстоныл, кæнæ кæцыфæнды æндæр бæстæйыл. Куыд банысан кодтон афтæмæй, алцыппæт аразæм, цæмæй æрыздахæм сабырдзинад æмæ куыд гæнæн ис афтæ тагъд кæрон скæнæм ацы хæст. Ницы интерес нæм ис, цæмæй ацы хæст ахæлиу уа Гуырдзыстоныл. Никуы ныхас кодтам Гуырдзыстонимæ кæнæ æндæр бæстæимæ дыккаг фронт бакæныныл. Уыдæттæ хуымæтæгæй сты гæдыныхæстæ», – райхъусын кодта Келли Дегнан.