Келли Дегнан – æнæаргъæвгæ уавæр у, уымæн æмæ ис стыр сагъæс куыд бынæттон, афтæ æхсæнадæмон æмвæзадыл Саакашвилийы æнæниздзинад æмæ æнæзиандзинады фæдыл
Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар Келли Дегнаны фидиуæнæй, АИШ лæмбынæг йæ хъус дары Михеил Саакашвилийы алыварс уавæрмæ.
Дегнаны дзырдæй, зæгъгæ «æнæаргъæвгæ уавæр у, уымæн æмæ ис стыр сагъæс куыд бынæттон, афтæ æхсæнадæмон æмвæзадыл Саакашвилийы æнæниздзинады æмæ æнæзиандзинады фæдыл».
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, фæстагмæ, хицауады бæрн у, сифтонг кæна Саакашвилийы медицинон хъæуындзинæдты сæххæст.
«АИШ лæмбынгæ йæ хъус дары Михеил Саакашвилийы уавæрмæ. Процессы аргъæвын абон æнæнхъæлæджы уыд, уымæн æмæ АИШы тæрхонгæнæг куы æрдомы бæрæг архайд райсын, уæд алчи максимум аразы уый сифтонг кæнынæн, цæмæй ацы барамынд сыххæст уа. Æнæаргъæвгæ уавæр у, уымæн æмæ ис стыр сагъæс куыд бынæттон афтæ æхсæнадæмон æмвæзадыл Саакашвилийы æнæниздзинад æмæ æнæзиандзинады фæдыл. Куыд абнысан кодтам афтæмæй, фæстагмæ хицауады бæрн у срæвдз кæна, цæмæй Саакашвили иса уыцы менталон, физикон æмæ медицинон аудындзинад, кæцы йын æнæмæнгхъæугæ у. Дарддæр аргъæвын æрмæст рæзын кæны фарстатæ æмæ сагъæс йæ æнæзиандзинады фæдыл» – райхъусын кодта Келли Дегнан.